Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 20:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 20:3
16 Iomraidhean Croise  

Ӕз мысырӕгты ратдзынӕн ӕгъатыр хицауы къухмӕ, тызмӕг паддзах сын ӕлдариуӕг кӕндзӕни», — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Санхерибмӕ фӕхабар чындӕуыд, Эфиопийы паддзах Тирхака йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Иудейаг паддзах уый куы фехъуыста, уӕд иудейаг паддзах Езекиамӕ минӕвӕрттӕ арвыста,


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.


Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.


Дунедарӕг мын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕхицӕн гӕн хъуымацӕй рон балхӕн. Дӕ астӕуыл ӕй ӕрбабӕтт, ӕцӕг-иу ӕй ма ныххуылыдз кӕн».


Сӕ разы-иу дӕ уаргъ сӕккой кӕн ӕмӕ-иу ӕй талынджы рахӕсс. Дӕ цӕсгом-иу бамбӕрз, зӕхх куыннӕ уынай, афтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон нысанӕн».


Карды амӕттаг бауыдзӕни Мысыр, риздзысты Эфиопийы дзыллӕтӕ фыр тӕссӕй, цагъды куы фӕуой Мысырӕн йӕ адӕм, хӕлӕттаг куы фӕуа йӕ фӕллой, куы ныппырх уой йӕ бындуртӕ“.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мысыры фарс чи хӕцы, уыцы ӕфсӕдтӕ дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, сӕрыстыр кӕй хъомысӕй у, йӕ уыцы ӕфсад дӕр бабын уыдзӕни. Карды амӕттаг бауыдзысты Мигдолӕй Сиенейы онг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ды та, адӕймаджы фырт, райс агуыридур, дӕ разы йӕ ӕрӕвӕр ӕмӕ йыл скӕн Йерусалимы хахныв.


Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.


Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!


Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.


Дыууиссӕдз боны дӕргъы бӕстӕуынӕг уыдыстут ӕмӕ дыууисӕдз азы дӕргъы, уыцы бонты нымӕцмӕ гӕсгӕ, алы боны ныхмӕ — афӕдз, фиддзыстут уӕ тӕригъӕд, цӕмӕй бамбарат, Мӕ ныхмӕ рацӕуын цы у, уый“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan