9 Ӕрзоныг кодтой, фегад сты — Ды сын нӕ ныббардзынӕ.
Се ’наккаг митӕ сын ма ныббар, аразджыты тӕригъӕд сын ма ныххатыр кӕн!
Ӕмбисонды рӕсугъд Сионӕй Йӕхи раргом кодта Хуыцау.
Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай фыдбылызтӕ, сӕрзилӕн сӕн нын бадардтай.
Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Уӕд дӕлдзиныггонд ӕрцӕудзысты адӕм ӕмӕ алчидӕр сӕрныллӕг суыдзӕн, хъалтӕ дӕр ӕруадздзысты сӕ сӕртӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.
Мӕнгхуыцау Молохӕн снывонд кодтай сӕрдӕн сой, сарӕзтай йын бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Мӕрдтыбӕсты онг абалц кӕнын кодтай дӕ минӕвӕртты.
О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон!
Фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн — уыцы тӕригъӕды тыххӕй мыггагмӕ азымджын фӕуыдзӕн».
Уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр бацыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы кадӕй ӕнӕхай фесты,
Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.
Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрмӕстдӕр ӕддаг бакастӕй зынынц зондджын, сӕхи ӕрхъуыдыгонд лӕггадимӕ, сӕрныллӕгдзинадимӕ, буар ӕнӕхъуаджы хъизӕмаримӕ, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы.
Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг Хуыцау у, ӕнувыд Хуыцау, уе ’наккаг митӕ ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕ нӕ ныббардзӕн.