5 Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!
Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ хъӕр, сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн, сӕ фӕд дӕр сын нал ауындзынӕ.
Цал боны ӕмӕ нӕ цал азы ӕфхӕрдтай, уыдоны ныхмӕ нын циндзинад ратт,
Дӕ цагъартӕ Дын Де стырад куыд феной, сӕ кӕстӕртӕм куыд раргом уа Дӕ кад!
Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.
Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!
ныррухс кӕндзӕни, мӕлӕты тасимӕ тары йӕ бонтӕ чи ӕрвиты, уыдоны ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».
Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та Бардарӕгимӕ рухсы стут. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбултау,
Ӕмӕ уын мӕнӕ мах хъусын кӕнӕм, Уымӕй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс ӕмӕ Йӕм мисхалы бӕрц дӕр талынг нӕй.
Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.