Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дунедарӕг тӕрхон кӕндзӕнис адӕмтӕн, бирӕ знӕмтӕн бауайдзӕф кӕндзӕн. Уыдон сӕ кӕрдтӕй сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй — ӕхсырфытӕ, ногӕй сӕ рацӕгъддзысты, афтӕмӕй. Адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ нал сисдзысты ӕмӕ хӕстмӕ сӕхи нал цӕттӕ кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 2:4
26 Iomraidhean Croise  

Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару — муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта.


Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.


Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!


гевалӕгтӕ, аммонӕгтӕ, амалекӕгтӕ, филистимӕгтӕ Тиры цӕрджытимӕ.


Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.


Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.


Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.


Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн. Ӕцӕг, Уый раст тӕрхон рахӕсдзӕн.


Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ арты амӕттаг бауыдзысты.


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.


Иузӕрдионӕй дӕ усаг зӕгъдзынӕн Мӕхицӕн, ӕмӕ ды базондзынӕ Дунедарӕджы.


Уӕ гутонтӕ батайын кӕнут ӕмӕ сӕ хъаматӕ скӕнут, уе ’хсырфытӕй саразут ӕрцытӕ. Хъару кӕмӕ нӕй, уый зӕгъӕд: «Ӕз дӕн бӕгъатыр!»


Уадз, адӕмтӕ сыстой ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрбацӕуой. Ӕз уыцы ран ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн.


Уый бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕни, дардбӕстаг знӕмтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн: уыдон стайын кӕндзысты сӕ кӕрдтӕ ӕмӕ сӕ сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Иу адӕмыхатт иннӕмӕ кард нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцыныл нал ахуыр кӕндзысты.


Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.


Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan