Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 2:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 2:22
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.


Зӕххы цъарыл царды комулӕфт кӕй мидӕг уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр бабын сты.


Цалынмӕ улӕфын, цалынмӕ мӕ мидӕг ис царды комулӕфт — Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уый,


Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты.


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


Де ’нгуылдзтӕ цы уӕлӕрвтӕ сфӕлдыстой, уым цы мӕй, цы стъалытӕ ӕрцауыгътой, уыдонмӕ куы скӕсын,


Адӕмтӕ — доны ’ртах къӕртайы, тӕразы уӕлӕ — рыджы мур. Миты тъыфылау фелвасдзӕни денджызы сакъадӕхтӕ.


Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы — ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.


Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».


Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan