19 Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.
зыр-зыргӕнгӕ се ’мбӕхсӕнтӕй рахилынц.
Зӕхх йӕ бындзарӕй нынкъуысын кӕны, йӕ бынатӕй йӕ фӕиртасы, йӕ бындуртӕ йын нырризын кӕны.
уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!
Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ, пиллӕттӕ калгӕйӕ, ныууигъдзӕни арв, зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй.
Цӕут ӕмӕ бамбӕхсут къӕдзӕхты скъуыдты, зӕххы рыджы нынныгъуылут Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ.
ӕмӕ Хуыцауы тасӕй, Йе стыр хъомысы кадӕй йӕхи ӕмбӕхсдзӕни къӕдзӕхты скъуыдты, хӕхты цъассыты, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.
Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.
Ӕвирхъау тасы хъӕр фехъусгӕйӕ, лидзынмӕ чи фӕуа, уый ныххаудзӕни хъоргъы, хъоргъӕй чи сбыра, уый та бахаудзӕн ахсӕн хызы. Арвы дуӕрттӕ фегом уыдзысты, зӕххы бындуртӕ нынкъуысдзысты.
Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.
Йӕ лӕдзӕджы алы цӕфимӕ дӕр айзӕлдзӕни далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд. Дунедарӕг Ассирийы ныхмӕ схӕцдзӕни Йӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕни.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр Ӕз растдзынӕн, слӕудзынӕн ӕмӕ Ме ’ппӕт хъомыс раргом кӕндзынӕн.
Уыдон ӕрбатӕхдзысты ӕмӕ иууылдӕр ӕрбаддзысты ӕдзӕрӕг тӕрфыты, къӕдзӕхты скъуыдты, сындзкъутӕртыл, дондарӕнты цур.
Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.
Сахарты цӕрджытӕ лидзӕг фесты фатӕхсджытӕ ӕмӕ барджыты уынӕрӕй, хӕхтӕм ӕмӕ тар хъӕдтӕм лидзынц. Сахартӕ сафтид сты иууылдӕр, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.
Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.
Фехъусын сын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сомы кӕнын Мӕхицӕй: хӕлддзӕгты ’хсӕн чи цӕры, уыдон карды амӕттаг бауыдзысты; быдыры чи ис, уыдоны хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕндзынӕн, фидӕрттӕ ӕмӕ лӕгӕтты чи ис, уыдон та амӕлдзысты емынӕйӕ.
Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»
Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй.
Гъемӕ уӕдӕ ды дӕр ныррасыг уыдзынӕ, знӕгтӕй фервӕзыныл дзӕгъӕлы архайдзынӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: рӕхджы ма Ӕз ноджы иу хатт нынкъусдзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх.
Ӕз ӕппӕт адӕмты ныууигъдзынӕн, ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ иууылдӕр ардӕм ӕрбакӕлдзысты, ацы Хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй.
Уӕд хӕхтӕн лӕгъстӕ кӕндзысты: „Ӕркӕлут ныл!“ — къуыбыртӕн: „Ӕрӕмбӕрзут нӕ!“
Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй,
Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».
Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.
Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.
Арв цӕхӕртӕ калдта, ныггыбар-гыбур кодта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ ахӕм зӕххӕнкъуыст никуыма уыди.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.
Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.
Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.
Филистимӕгтӕ сӕ куы федтой, уӕд загътой: «Мӕнӕ дзуттӕгтӕ се ’мбӕхсӕн цъассытӕй рацыдысты».