Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 2:17
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.


Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.


«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


ныппырх кӕндзӕни Таршишӕй цӕуӕг денджызон наутӕ сӕ мулк ӕмӕ сӕ диссӕгтимӕ.


гуымирытӕн та сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan