13 Сӕ бындзарӕй стондзӕни Ливан ӕмӕ Башаны бӕрзонд бӕлӕстӕ,
Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ, сыстаут Ын Йӕ уаз ном,
Кипаристӕ ӕмӕ ливайнаг кедртӕ цин кӕнынц ӕмӕ дзурынц дӕу тыххӕй: «Ды мӕрдвынӕй куы бадӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм ничиуал цӕуы цӕгъдынмӕ».
Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы. Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад, Шарон ӕдзӕрӕг фестад, Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн сӕ сыфтӕр азгъӕлд.
Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.
башайнаг тулдзӕй дын донфыййӕгтӕ скодтой, тӕрс бӕласӕй дын сарӕзтой дӕ бандӕттӕ, сфӕлыстой дӕ киттимаг пылыстӕгӕй.
Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн.