8 Ныхъхъынцъым кӕндзысты кӕфахсджытӕ, сдзыназдзысты, йе ’нгуыр-иу Нилы чи баппӕрста, уыдон, нырхӕндӕг уыдзысты, йӕ кӕфахсӕн хыз-иу доны чи ауагъта, уыдон.
Нилы кӕсӕгтӕ ныххӕдмӕл сты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг ис, ӕмӕ дзы мысырӕгтӕ нуазын нал фӕрӕзтой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕци.
Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ.
Фыдгул сӕ йе ’нгуырӕй сласы, кӕсагахсӕн хызӕй сӕ ахсы, йӕ зӕрдӕ райы фыр цинӕй.
Фӕлӕ кӕдмӕ ӕвзиддзӕн кардӕй, ӕгъатырӕй адӕмты кӕдмӕ цӕгъддзӕн?
Мысыры нын лӕвар бӕргӕ лӕвӕрдтой кӕсӕгтӕ, джитъритӕ, неситӕ, зайӕгхӕлттӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ!
„Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“.