Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 19:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Денджызы дон стӕнӕг уыдзӕни, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, бахуыскъ уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 19:5
9 Iomraidhean Croise  

Цады дон байсысы, цӕугӕдон бахус вӕййы, хуыскъ адаг фесты.


Байсыстысты Нимримы суадӕттӕ; хурмӕ баруади кӕрдӕг, цъӕх зайӕгхалӕн йӕ кой дӕр нал ис.


Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.


Ме знаджы зӕххыл дам-иу мӕхицӕн скъахтон цъайтӕ мӕ дойны сӕттынӕн. Мысырӕн, дам, йӕ цӕугӕдӕттӕ та байсысын кӕндзынӕн мӕ къӕхты бын.


Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ сӕрыл рахӕцдзынӕн, дӕ маст дын райсдзынӕн. Ӕз сын сӕ денджыз ӕмӕ сӕ цӕугӕдӕттӕ байсысын кӕндзынӕн.


Нилы цӕугӕдон бахус кӕндзынӕн, бӕстӕ та фыдгӕнджыты къухтӕм ратдзынӕн. Ӕндӕрбӕстӕгты къухӕй ныггӕныстон кӕндзынӕн Мысыры ӕппӕт бӕстӕ дӕр. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг».


Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис.


Мысыры адӕм куынӕ сыстой ӕмӕ куынӕ ӕрбацӕуой, уӕд уыдон дӕр къӕвда нӕ фендзысты, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг, Халагъудты бӕргӕбонмӕ иннӕ адӕмтӕй чи не ’рбацӕуа, уыдоны хуызӕн бафхӕрдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan