Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 19:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕз мысырӕгты ратдзынӕн ӕгъатыр хицауы къухмӕ, тызмӕг паддзах сын ӕлдариуӕг кӕндзӕни», — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 19:4
9 Iomraidhean Croise  

«Ӕз дӕ зонды къахыл сӕвӕрдзынӕн фӕндаг дын бацамондзынӕн. Ӕз дӕ размӕ кӕндзынӕн, Мӕ цӕст дӕм дардзынӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.


Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:


бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се ’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй.


Вавилойнаг паддзах Навуходоносор ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Уый фӕстӕ Мысыры зӕхх раздӕрау адӕмӕй байдзаг уыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ Ӕз Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн Мысыры зӕхх дӕттын. Йӕ бирӕ исбон ын байсӕд ӕмӕ йӕ ныххӕлӕттаг кӕнӕд, бастигъӕд ӕй — йе ’фсадӕн уый уыдзӕни йӕ хӕрзиуӕг.


Нилы цӕугӕдон бахус кӕндзынӕн, бӕстӕ та фыдгӕнджыты къухтӕм ратдзынӕн. Ӕндӕрбӕстӕгты къухӕй ныггӕныстон кӕндзынӕн Мысыры ӕппӕт бӕстӕ дӕр. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг».


Фӕлӕ уӕддӕр хаст ӕрцыдысты йӕ адӕм, уацары сӕ акодтой. Йӕ сабиты йын, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты фӕмардтой. Хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ йын се ’хсӕн байуӕрстой йӕ уӕздӕтты, се ’ппӕты дӕр рӕхыстӕй сбастой.


Саулӕн фехъусын кодтой, Давид Кеиламӕ кӕй ӕрцыд, уый. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухтӕм радта. Къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, кулдуар ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ цы сахарӕн ис, уымӕй йын раирвӕзӕн нал ис».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan