2 Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.
Израилы адӕм дыууӕ дихы фесты. Сӕ иу ӕмбис паддзахӕй расидинаг уыдысты Гинаты фырт Тивнийы, иннӕ ӕмбис та — Амрийы.
Адӕмтӕ цагътой кӕрӕдзи, иу сахар иннӕйы ныхмӕ сыстади, сызнӕт сты, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау алы фыдбылызтӕ ӕрцӕуын кодта.
Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.
Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты.
Ме ’ппӕт хӕхты чи цӕры, уыдоны дӕр Гогы ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн кӕрдтимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — йӕ хӕстонтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ сласдзысты.
Ныронг нӕдӕр фос, нӕдӕр адӕймаджы куыстӕн фидын никӕй бон уыди, алы цӕуӕджы алырдыгӕй хъахъхъӕдтой знӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз адӕмы кӕрӕдзимӕ сфыдӕх кодтон.
Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни.
адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ суыдзысты йе знӕгтӕ“.
Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ загъта: «Кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ куы сисой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хӕдзар куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы сахар фесӕфдзӕн, хӕдзары дӕр бинонтӕн сӕ цард фехӕлдзӕн.
Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.
Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;
Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.
Фӕлӕ Хуыцау Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджыты ’хсӕн фыдӕхы моны бауагъта, ӕмӕ шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сыстадысты.
Саулы бӕрӕгдзаутӕ Бениамины Гевӕйӕ уыдтой, филистимӕгтӕ фыр адӕргӕй куыд схъомпал сты, уый.
Саул ӕмӕ йӕ адӕм ныхъхъӕр кодтой ӕмӕ хӕцӕнмӕ абырстой. Ӕмӕ дын мӕнӕ филистимӕгтӕ сӕ кӕрдтӕ куы сласиккой кӕрӕдзимӕ. Фыд азар сыл бафтыд.