Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 19:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Цы фесты, фараон, дӕ куырыхонтӕ? Зӕгъӕнт-ма дын уӕдӕ ӕмӕ базонӕнт, Уӕларвӕфсады Бардарӕг Мысырӕн цы тӕрхон рахаста, уый!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 19:12
13 Iomraidhean Croise  

Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта: «Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый. Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Кӕй ис абарӕн Мемӕ? Йӕхи Мын раргом кӕнӕд уый, хъӕрӕй зӕгъӕд, фӕд-фӕдыл цаутӕ радзурӕд: Ӕз рагон адӕмы куы сфӕлдыстон, уӕдӕй нырмӕ цытӕ ӕрцыд ӕмӕ цытӕ ӕрцӕудзӕн фидӕны, зӕгъӕд сӕ.


Додой сӕ къона, йӕхи цӕсты куырыхон чи у ӕмӕ йӕхи зондджын чи хоны!


Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц!


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн Едомы куырыхонты, Исавы хохыл — зондджынты.


Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл».


Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста?


Уӕд ын Зевул афтӕ зӕгъы: «Ӕмӕ дӕхӕдӕг афтӕ нӕ дзырдтай, Авимелех чи у ӕмӕ йын цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ? Уӕртӕ сты, дӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссыс, уыцы адӕм. Цу ӕмӕ схӕц семӕ!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan