1 Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!
Уый загъта, ӕмӕ фӕзындысты мӕтыхтӕ, ӕнӕнымӕцӕй апырх ис къуыдыргалм;
Дунедарӕджы амындтытӕ рӕстаг сты, зӕрдӕ сӕ райы. Йӕ фӕдзӕхстытӕ рухс сты — байгом кӕнынц цӕстытӕ.
Ӕрдиаг кӕнын дӕр нал у мӕ бон, мӕ хъӕлӕс ныффӕсус ис. Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты, мӕ Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!
Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.
Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ, алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.
ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм, дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм». Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Бабын ис, бабын ис Вавилон! Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».
фараон — Мысыры паддзах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмӕн,
Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!
Уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ цӕмӕн мӕсты кӕнут? Мысыры зӕххыл, ӕрцӕрынмӕ кӕдӕм ӕрбацыдыстут, уым ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд цӕмӕн судзут? Фесафдзыстут уӕхи! Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ уӕ иууылдӕр ӕлгъитдзысты, фӕхудинаг уыдзыстут се ’хсӕн.
«Адӕмты ’хсӕн фехъусын кӕнут! Уӕ тырыса сисут нысанӕн! Ныхъхъӕр кӕнут, мацы басусӕг кӕнут, зӕгъут сын: „Саст ӕрцыд Вавилоны сахар, фӕхудинаг ис Бел, афӕлдӕхтой Меродахы — фӕхудинаг сты йӕ хуыцаугӕндтӕ, ныппырх сты йӕ гуымирытӕ!“
Ӕз вавилойнаг Белы бафхӕрдзынӕн, цыдӕриддӕр аныхъуырдта, уыдон ын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн. Адӕмтӕ йӕм нал цӕудзысты, Вавилоны систӕ ныппырх уыдзысты.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз ныппырх кӕндзынӕн Мысыры гуымирытӕ, кӕрон скӕндзынӕн Нофы мӕнгхуыцӕуттӕн. Мысыры бӕстӕйы нал сӕнтысдзӕни барджын ӕлдар, йӕ адӕмыл та йын ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн.
Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.
Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.
Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.
Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис.
Мысыры адӕм куынӕ сыстой ӕмӕ куынӕ ӕрбацӕуой, уӕд уыдон дӕр къӕвда нӕ фендзысты, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг, Халагъудты бӕргӕбонмӕ иннӕ адӕмтӕй чи не ’рбацӕуа, уыдоны хуызӕн бафхӕрдзӕн.
мысырӕгтӕ, Дунедарӕг кӕй ӕрцавта, сӕ уыцы хистӕр фыртты мӕрдтӕ куы ныгӕдтой, Дунедарӕг сын сӕ хуыцаугӕндты куы ныффалгӕрон кодта, уӕд.
Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.
Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд тас бацыди нӕ зӕрдӕты ӕмӕ нӕ иумӕ дӕр уӕ ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс нал ис, уымӕн ӕмӕ базыдтам: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕлдариуӕг кӕны уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр, уӕле дӕр ӕмӕ дӕле дӕр.
Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».
ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.
Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.