Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 18:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 18:7
17 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис.


Уый Дын ӕхцондӕр уыдзӕн, Дунедарӕг, сыкъаджын ӕмӕ сӕфтӕгджын галтӕ ӕмӕ уӕнгуытӕй.


Селайӕ Сионы хохмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл арвитут уӕрыччытӕ — бӕстыхицауӕн лӕварӕн.


Уыцы бӕстӕй нӕм денджызы уылӕнтыл хъӕзын бӕлӕгъты рарвыстӕуыд минӕвӕртты. Цӕугӕут фӕстӕмӕ уӕ бӕстӕм, рӕувад минӕвӕрттӕ! Аздӕхут уӕ дӕргъӕлвӕс, уӕ коса адӕммӕ, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты йӕ зӕхх кӕмӕн айгӕрстой, уыцы адӕммӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Ӕз ӕнцад кӕсдзынӕн Мӕ цӕрӕнӕй къӕвдайы фӕстӕ хъарм уӕлдӕфау, тыллӕгӕфснайӕнты тӕвд афон ӕртӕхӕй ӕфсӕст ӕврагъау.


Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


Карз ӕмӕ тӕссаг сты, сӕхӕдӕг сты хицӕуттӕ сӕхицӕн, сӕхи ’гъдӕуттӕ сын ис.


Суанг Мын Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕтӕ ис, уырдыгӕй дӕр, Мӕнӕн кад чи кӕны, уыдон — хауӕццаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕм — ӕрбахӕсдзысты хуынтӕ.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan