6 Ныууадздзысты сӕ тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ хӕрдзысты сӕрддӕргъы, сырдтӕ та — зымӕджы».
Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.
Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.
Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.
Ӕрбацӕут, хъӕддаг сырдтӕ, хъӕды цӕрӕгойтӕ, ӕрбацӕут ӕмӕ хӕрут!
Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.
«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».
Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн.
Йӕ калд зӕнгыл ын алы мӕргътӕ ӕрбадтысты, йӕ къалиутыл та алы сырдтӕ ӕрцардысты.