3 О, дунейы цӕрджытӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ! Хохы цъуппыл тохы тырыса куы ’рсагъдӕуа, уӕд-иу ӕм скӕсут! Сыкъауадындз куы ныууаса, уӕд-иу ӕй фехъусут!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!
Йӕ тырыса сисдзӕни адӕмты раз ӕмӕ тард израилӕгты, стӕй, чи ныххӕлиу ис, уыцы иудейӕгты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — ӕрбаздахдзӕни зӕххы цыппар кӕронӕй.
«Уӕ тырыса сисут гӕмӕх хохы сӕрмӕ, хъӕр сӕм кӕнут, уӕ къухӕй сын ацамонут, уадз ӕмӕ паддзӕхты кулдуарыл бахизой.
Хӕхты тыхджын уынӕр хъуысы, цыма ӕнӕнымӕц дзыллӕйы хъӕлӕба у, уыйау. Абухынц паддзахӕдтӕ, ӕмбырдтӕ кӕнынц адӕмтӕ. Уый Уӕларвӕфсады Бардарӕг фӕсидти хӕстифтонг ӕфсадмӕ.
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз Мӕ къухӕй адӕмтӕн равдисдзынӕн нысан, ӕрсадздзынӕн Мӕ тырыса, цӕмӕй йӕ алы адӕмтӕ уыной, ӕмӕ дын дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджыты сисой сӕ къухтӕм ӕмӕ се уӕхсчытӕм ӕмӕ дын сӕ ӕрбахӕссой.
Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ, сисдзӕни тохы тырыса, зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм фехситт кӕндзӕни ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.
Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм — Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.
О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут!
«Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, байхъусут лӕмбынӕг, ӕгас зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ! Дунедарӕг Хуыцау уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууӕд, Йӕ уаз Кувӕндонӕй рацӕуӕд Бардарӕг!
Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.
Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.
Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.
Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ — уынгӕ чи кӕны, стӕй уӕ хъустӕ — хъусгӕ чи кӕны.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»