Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 18:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уыцы бӕстӕй нӕм денджызы уылӕнтыл хъӕзын бӕлӕгъты рарвыстӕуыд минӕвӕртты. Цӕугӕут фӕстӕмӕ уӕ бӕстӕм, рӕувад минӕвӕрттӕ! Аздӕхут уӕ дӕргъӕлвӕс, уӕ коса адӕммӕ, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты йӕ зӕхх кӕмӕн айгӕрстой, уыцы адӕммӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 18:2
14 Iomraidhean Croise  

Сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыд эфиопаг Зерах, йе ’фсады уыди мин мины хӕстонтӕ ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ тохуӕрдоны. Ӕрбахӕццӕ ис Марешайы сахармӕ.


Эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливиӕгтӕ сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ бӕхӕфсадимӕ адонӕй бирӕ фылдӕр нӕ уыдысты, ӕви? Фӕлӕ дын сӕ Дунедарӕг дӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Ууыл.


Цъӕнут бӕлӕгътау тындзынц, цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ куыд тындза, афтӕ.


Дарддӕр ын ӕмбӕхсӕн куынӕуал уыд, уӕд хъӕзӕй быд чыргъӕд писийӕ байсӕрста, сабийы дзы нывӕрдта ӕмӕ йӕ Нилы былгӕрон хъамылы ныууагъта.


Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.


Ӕз Дунедарӕгӕй фехъуыстон, адӕмтӕм кӕй рарвыстӕуыд минӕвары, цӕмӕй сын зӕгъа: «Ӕрӕмбырд ут, сыстут йӕ ныхмӕ, хӕстмӕ рацӕут!»


Уыцы бон наутыл фидиуджытӕ арвитдзынӕн, цӕмӕй ӕнӕмӕт эфиопӕгты стыр тасы бафтауой. Ӕмӕ Мысырӕн йе сӕфты бон куы ралӕууа, уӕд эфиопӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты. Уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн!»


Авадиайы цӕстылуайӕн. Дунедарӕг Хуыцау Едомы тыххӕй зӕгъы, Дунедарӕгӕй фехъуыстам уац, адӕмтӕм рарвыстӕуыд фӕдисоны: «Сыстут, ӕмӕ Едомы ныхмӕ схӕцӕм!»


Карз ӕмӕ тӕссаг сты, сӕхӕдӕг сты хицӕуттӕ сӕхицӕн, сӕхи ’гъдӕуттӕ сын ис.


Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan