Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 17:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыцы бон сӕ фидаргонд сахарты цӕрӕг уд нал баззайдзӕн, израилӕгтӕ кӕй ныппырх ӕмӕ федзӕрӕг кодтой, уыцы хиввӕгтӕ ӕмӕ аморӕгты сахартау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 17:9
16 Iomraidhean Croise  

Ды ферох кодтай дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы, дӕ Къӕдзӕх ӕмӕ дӕ Фидар дӕ хъуыдыйы дӕр нал уыди. Ды скодтай диссаджы дыргъдӕттӕ, ныссагътай ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры талатӕ.


Нал бакӕсдзӕн, йӕхӕдӕг кӕй сарӕзта, уыцы нывондхӕссӕнтӕм, йӕхи къухӕй кӕй скодта, уыцы Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ будсудзӕнтӕм.


Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.


Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн».


дӕ зӕххы сахартӕ ӕмӕ дӕ фидӕрттӕ дын ныддӕрӕн кӕндзынӕн;


Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.


Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan