Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 17:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыцы бон алы адӕймаг дӕр йе ’ргом раздахдзӕни йе Скӕнӕгмӕ, бацагурдзӕн Израилы Уаз Хуыцауы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 17:7
21 Iomraidhean Croise  

Уыдон ӕххуысагур дзыназынц, фӕлӕ сын ирвӕзынгӕнӕг нӕй; Дунедарӕгмӕ хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын Уый дзуапп нӕ дӕтты.


Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


Афтӕмӕй Дунедарӕг Мысыры адӕмыл бафтаудзӕни Йӕ фыдӕх, цӕмӕй сын уый фӕрцы сӕ цард банывыл кӕна. Уыдон Дунедарӕгмӕ се ’ргом сараздзысты, ӕмӕ сын Уый фехъусдзӕни сӕ куывдтытӕ ӕмӕ сын ахъаз бакӕндзӕн.


Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат.


Уӕд, галиу фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ ӕмбаргӕ зонд ӕрцӕудзӕн, ӕнӕсӕттонтӕ коммӕ кӕсын базондзысты».


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.


Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan