Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 17:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Израилы адӕм скуынӕг уыдзысты, оливӕ бӕлас куы ’рцӕгъдынц, уӕд ма йӕ цъуппыл дыууӕ-ӕртӕ, йӕ бинаг къалиутыл иугай гагатӕ куыд аззайы, уыйау, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 17:6
16 Iomraidhean Croise  

Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!


Кӕд дӕ адӕм денджызы змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, Израил, уӕддӕр сӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн ӕрмӕст чысыл къорд; се сӕфт рагацау нысангонд у, раст тӕрхон сӕ баййафдзӕн.


Зӕххы цъары адӕмтӕн сӕ уавӕр уыдзӕни, оливӕ бӕлӕстӕ куы ’рцӕгъдынц кӕнӕ ма тыллӕгисӕны фӕстӕ сӕнӕфсирыл цы цупӕлттӕ аззайы, уыдон куы ’ртонынц, уый хуызӕн.


Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, фӕлӕ йӕ бынтон нӕ фесафдзынӕн.


Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».


Давджытӕ кӕнӕ дӕм ӕхсӕвы абырджытӕ фӕзындысты, мыййаг? Гӕныстонмӕ куы ’рцыдтӕ. Сӕнӕфсир тонджытӕ дӕм куы ’рбацыдаиккой, уӕд ма дӕм уыдон дӕр цалдӕр гагайы, ау, нӕ ныууагътаиккой?


Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл.


Ӕмӕ уӕд ӕгас Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Йаковы байзӕддӕгты суӕгъд кӕндзӕн сӕ фыдракӕндтӕй.


Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн.


Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.


Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan