Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 17:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы заман уыдзӕни тыллӕгӕфснайӕнтау: хуымгӕрдӕг бафснайы йӕ хортӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Рефаимы дӕлвӕзы мӕгуыртӕ ӕруидзынц, цы иугай ӕфсиртӕ ма дзы аззайы, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 17:5
13 Iomraidhean Croise  

Филистимӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ Рефаимы дӕлвӕз бацахстой.


Филистимӕгтӕ та ногӕй ссыдысты ӕмӕ Рефаимы дӕлвӕз бацахстой.


Кӕрдӕг бахус, фӕлӕ та мӕнӕ цъӕхӕй сзынди, хӕххон уыгӕрдӕнтӕ карст ӕрцыдысты;


Цы бон сӕ ныссагътай, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сӕм зылдтӕ, цӕмӕй сырӕзой ӕмӕ дидинӕг ракалой. Фӕлӕ дыл тыллӕгӕфснайӕн заман сау низ йеддӕмӕ ницы бафтдзӕни.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».


Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн».


Дӕуӕн дӕр, Иудӕ, сар дӕ сӕр кӕны, Ӕз Мӕ адӕмы уацарӕй фӕстӕмӕ куы раздахон, уӕд.


Райсут уе ’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы.


Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хорӕфснайӕн афон ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: раздӕр уал мӕгъӕлдайы кой бакӕнут, бабӕттут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут, мӕнӕу та мын бафснайут мӕ хордоны“».


Дарддӕр ахызт йевусӕгты (ома Йерусалимы) къуылдымыл, хуссарварс Хинномы фырты дӕлвӕзыл, ӕмӕ схызти, Хинномы дӕлвӕзы ныгуылӕнӕрдыгӕй цы хох ис, уый сӕрмӕ (уыцы хох лӕууы Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс).


Уырдыгӕй арӕн ӕрхызти Хинномы фырты дӕлвӕзы акомкоммӕ ӕмӕ, Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс цы хох ис, уый фахсмӕ. Стӕй Хинномы дӕлвӕзыл ӕрхызти йевусӕгты къуылдымы хуссарварсмӕ ӕмӕ фӕуырдыг кодта Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan