Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 17:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыцы бон Йаковы кад ӕрныллӕг уыдзӕн, смӕллӕг уыдзӕн йӕ нард буар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 17:4
15 Iomraidhean Croise  

Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы, фыдуынд ӕмӕ мӕллӕджытӕ, ӕмӕ доны былгӕрон фыццӕгты цур ӕрлӕууыдысты.


Ассирийы паддзах Салманесер ӕд ӕфсад Израилмӕ куы ӕрбабырста, уӕд Осиа йӕ дӕлбар ныллӕууыд, йӕ хъалондар сси.


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.


Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?


Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Ефремы зӕххыл фидаргонд сахар нал баззайдзӕн, Дамаскы та — паддзӕхтӕ. Арамы цӕрджытӕй ма чи аирвӕза, уыдонӕн израилӕгтау фесӕфдзӕни сӕ кад, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Зӕххы цъары адӕмтӕн сӕ уавӕр уыдзӕни, оливӕ бӕлӕстӕ куы ’рцӕгъдынц кӕнӕ ма тыллӕгисӕны фӕстӕ сӕнӕфсирыл цы цупӕлттӕ аззайы, уыдон куы ’ртонынц, уый хуызӕн.


Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»


Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Дунедарӕг Израилы паддзахадӕн, Йаковы байзӕддагӕн, хӕссы Йӕ тӕрхон.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг ӕвзардзынӕн быцӕу нард фыс ӕмӕ мӕллӕг фысы ’хсӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.


Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan