11 Цы бон сӕ ныссагътай, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сӕм зылдтӕ, цӕмӕй сырӕзой ӕмӕ дидинӕг ракалой. Фӕлӕ дыл тыллӕгӕфснайӕн заман сау низ йеддӕмӕ ницы бафтдзӕни.
Ӕрӕййӕфтон афтӕ: тӕригъӕды хуым-иу чи бакодта ӕмӕ-иу дзы фыддзинад чи байтыдта, уыдонӕн-иу сӕхи кӕрдинаг фӕци,
талынджы хъуызӕг емынӕйӕ ӕмӕ ӕмбисбон сафӕг рынӕй.
Уыцы заман уыдзӕни тыллӕгӕфснайӕнтау: хуымгӕрдӕг бафснайы йӕ хортӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Рефаимы дӕлвӕзы мӕгуыртӕ ӕруидзынц, цы иугай ӕфсиртӕ ма дзы аззайы, уыдон.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Дымгӕ кӕм байтыдтой, уым уад ӕркӕрддзысты. Сӕ хуымы ӕфсиртыл иу нӕмыг дӕр куынӕ уа, уӕд ӕнӕ хорӕй баззайдзысты. Куы уа, уӕд та — ӕцӕгӕлӕттӕн хӕринаг.
Афӕлдӕхтой Ефремы! Йӕ уидаг бахус, ӕмӕ дыргъ нал ратдзӕн. Цот ма куы рауадзой, уӕд дӕр сын Ӕз сӕ уарзон хъӕбулты мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн».
Хоры гагатӕ зӕххы бын бамбыдысты, сафтид сты хордӕттӕ, нӕ къӕбицтӕ ныппырх сты, уымӕн ӕмӕ хор нӕй.
Бынтон дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстут уӕ хъару — уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзайдзӕн, уӕ бӕлӕстӕ дыргъ нал ратдзысты.
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.
Сӕндӕттӕ скӕндзыстут ӕмӕ сӕм зилдзыстут, фӕлӕ нӕдӕр сӕн фендзыстут, нӕдӕр дзы уӕ рӕбыны ӕрӕвӕрдзыстут — зулчъытӕ сӕ бахӕрдзысты.