Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 16:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн. Хешбон ӕмӕ Елале, мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 16:9
8 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, Ды сбирӕ кӕндзынӕ ацы адӕмы, стыр цин сын бауадздзынӕ сӕ зӕрдӕты. Уыдон цин кӕндзысты Дӕ разы, цыма зӕххӕй бӕркадджын тыллӕг исынц кӕнӕ ӕфтиаг уарынц, уыйау.


Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».


Ӕмӕ уӕд, кӕдӕм сӕ фӕсырдӕуыд, уыцы бынӕттӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты Иудеймӕ, Гедалиамӕ, Мицпамӕ, ӕмӕ сӕм парахатӕй фӕзындысты сӕн ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕ.


Сау дыл дардзысты: адасдзысты сӕ сӕртӕ, сӕхъистӕ скӕндзысты сӕ уӕлӕ, хъыггӕнгӕ дыл зӕрдӕрхалӕн хъарӕг сисдзысты.


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл.


Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan