6 Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.
Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.
Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!
Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.
Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.
Йӕ къухтӕ ма ленкгӕнӕгау цасфӕнды тилӕд — Хуыцау ӕй уӕддӕр ӕрныллӕг кӕндзӕн — цыфӕнды тылд кӕнӕд йӕ къухтӕ.
Сымах уӕхицӕй дзурут, мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм, мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн, мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы.
Уӕд, мӕлӕтимӕ цы цӕдис скодтат, уый хӕлд ӕрцӕудзӕн, мӕрдтыбӕстимӕ цы бадзырд сарӕзтат, уый нӕ фӕлӕудзӕн. Сау бӕллӕх уыл йӕхи ныццӕвдзӕни фурды уылӕнтау ӕмӕ уӕ бабын кӕндзӕн.
Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.
Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!»
Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа!
Моавӕгтӕ адӕмты ’хсӕнӕй фесӕфдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадысты.
Йӕ дӕсныфӕрсджытӕ Мӕ карды цӕфӕй сӕрра уыдзысты, йӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцдзӕн.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Моавы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ Едомы паддзахӕн йӕ мардыл дӕр нӕ бацауӕрстой, басыгътой йӕ.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».