2 Уымӕн ӕмӕ Арноны донуайӕнты цур моаваг чызджытӕ рауай-бауай кӕнынц, сӕ ахстонӕй кӕй раппӕрстой, ахӕм удаист лӕппын цъиутау.
Моавы паддзах Меша, бонджын фосдарӕг, Израилы паддзахӕн ӕрвылаз ӕрвыста хъалон: сӕдӕ мины кусӕрттаг фыстӕ, сӕдӕ мины та — ӕнӕлвыд фыртӕ.
Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.
Йӕ райгуырӕн къона чи ныууадзы, уый, йӕ ахстонӕй цы маргъ фӕхицӕн ис, уый хуызӕн у.
Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм.
Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав! Кӕут, дзыназут, расидут Арноны: Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.
О Моав, додойаг фӕдӕ! Кемошы адӕм бабын сты! Дӕ фырттӕ бахаудысты уацары, дӕ чызджытӕй дын уацайрӕгтӕ скодтой.
Моавӕн базыртӕ раттут, цӕмӕй йӕ бон атӕхын суа. Йӕ сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.
Дудгӕ фӕбадай, Моав! Бабын стут, Кемошы адӕм, уӕ фырттӕ лидзӕг фесты, уӕ чызджытӕ Сигоны, аморӕгты паддзахы, уацайрӕгтӕ баисты!
Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.
Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг:
Арноны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ароеры сахар, стӕй дӕлвӕзӕн йӕ тӕккӕ астӕу цы сахар ис, уый дӕр; Медевайы онг уӕлвӕз ӕнӕхъӕнӕй,
Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл.