12 Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл, сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт — уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.
Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.
Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта.
Ау, иннӕ адӕмты сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? Мӕ фыдӕлтӕ ныццагътой Гозан, Харан ӕмӕ Рецефы цӕрӕг адӕмты, стӕй Едены цӕрджыты, Телассары чи цардис, уыдоны.
Уӕд ракодта йӕ фырты, йӕ хистӕр зӕнӕджы, йӕ фӕстӕ паддзах чи суыдаид, уый ӕмӕ йӕ сахары быруйы сӕрыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста. Уӕд израилӕгтӕ смӕсты сты, сӕ хӕцын ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты сӕ бӕстӕмӕ.
уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.
Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.
Моавӕн ацы тӕрхон Дунедарӕг рахаста раджы.
О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны кувгӕ куыд кодта, афтӕмӕй йӕ кардӕй амардтой йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер ӕмӕ алыгъдысты Арараты бӕстӕм. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.
Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.
Гуымирытӕ, джитъриты хуымы цы быдыргъ фӕлӕууы, уымӕй уӕлдай не сты: сӕ бон дзурын нӕу, хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цӕуын нӕ зонынц. Ма сӕ тӕрсут — сӕ бон уын фыдбылыз саразын нӕу, фӕлӕ уын хорзӕй дӕр ницы ракӕндзысты».
Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.
Уаз къуыппытыл нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ дзы йӕхи хуыцӕуттӕн буд чи судзы, уыдоны Ӕз ныццӕгъддзынӕн Моавы», — зӕгъы Дунедарӕг.
О Моав, додойаг фӕдӕ! Кемошы адӕм бабын сты! Дӕ фырттӕ бахаудысты уацары, дӕ чызджытӕй дын уацайрӕгтӕ скодтой.
Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.
Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты.
Ӕмӕ ацыди Балаам Балакимӕ ӕмӕ бацыдысты Кирйат-Хуцотмӕ.
Дыккаг бон, сӕумӕйӕ, Балак Балаамы Бамот-Баалмӕ скодта, ӕмӕ уый уырдыгӕй израилӕгты рӕсӕнуатӕн ӕрмӕст йӕ чысыл хай федта.
Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Балак Пеоры сӕрмӕ скодта Балаамы — уырдыгӕй ӕдзӕрӕг быдыр хорз зынди.
Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.