11 Хъисфӕндырау дзыназы мӕ зӕрдӕ Моавыл, мӕ уд кӕуы Кир-Хересы хъысмӕтыл.
Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.
Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.
Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!
«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
Уымӕн кӕуын Ӕз Моавыл, ӕгас Моавыл дзыназын, Кир-Хересы цӕрджытыл хъарӕг кӕнын.
Мӕ зӕрдӕ уадындзау уымӕн кӕуы Моавыл, дзыназы уадындзау Кир-Хересы цӕрджытыл. Ныр се ’ппӕт исбон бабын ис; сӕ сӕртӕ — даст, сӕ боцъотӕ — ӕлвыд; сӕ цӕнгтыл — ностӕ, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фӕрстыл — сӕхъис.
О Дунедарӕг, ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕнцой нӕ ары мӕ уд — нӕ Дӕм хъуыстон! Мӕ хӕдзӕртты куы бабадти мӕлӕт, мӕ сабиты мын уынгты кардӕй марынц!
Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.
Уӕдӕ Чырыстиимӕ кӕй стут, уый уын кӕд исты ныфс дӕтты, кӕд уын Йӕ уарзондзинад циндзинад хӕссы ӕмӕ уын кӕд Сыгъдӕг Удимӕ иудзинад ис, кӕд хатырджын ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг стут,