1 Селайӕ Сионы хохмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл арвитут уӕрыччытӕ — бӕстыхицауӕн лӕварӕн.
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Амациа Цӕхджын дӕлвӕзы дӕс мин едомаджы ныццагъта. Уый фӕстӕ схӕцыд Селайы сахары ныхмӕ ӕмӕ йӕ бацахста. Радта йын ног ном — Йоктеел. Ныронг дӕр ӕй афтӕ хонынц.
Моавы паддзах Меша, бонджын фосдарӕг, Израилы паддзахӕн ӕрвылаз ӕрвыста хъалон: сӕдӕ мины кусӕрттаг фыстӕ, сӕдӕ мины та — ӕнӕлвыд фыртӕ.
Уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхцатӕй ӕвӕстиатӕй балхӕн галтӕ, фыстӕ, уӕрыччытӕ, стӕй, хойрагӕй ӕмӕ нуазинагӕй семӕ кувинагӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ фӕхӕццӕ кӕн Йерусалиммӕ, уӕ Хуыцауы хӕдзары нывондхӕссӕнмӕ.
Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.
Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ, Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ, хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!
Ахӕм хуынтӕ адӕм хъуамӕ хӕссой Израилы фӕтӕгӕн.
Дӕумӕ та, Мигдал-Эдер, Сионы чызджы хох, дӕ хицауы бартӕ раздӕхдзысты, Йерусалимы чызгмӕ раздӕхдзӕни йӕ паддзахдзинад.