Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 15:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Димоны сахар цы доны был ис, уый туг фестади, фӕлӕ сыл Ӕз ноджы фыддӕр фыдбылыз бафтаудзынӕн: моавӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыцы бӕстӕйы ма чидӕриддӕр баззади, уыдоныл Ӕз се ’ппӕтыл дӕр сардаудзынӕн домбайы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 15:9
11 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уым се ’рцӕрыны райдиан Дунедарӕгӕй нӕ тарстысты, ӕмӕ сыл Уый домбӕйтты сардыдта, ӕмӕ сӕ уыдон мардтой.


Адӕмы ӕрдиаг суанг бӕстӕйы арӕнты онг айзӕлы, Еглаим ӕмӕ Беер-Елимы сахартӕм хъуысы.


Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.


Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan