7 Моавы адӕм сӕ фӕллой Хӕристы дӕлвӕзы фалӕмӕ фӕхӕссынц.
Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон, мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау; уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон, ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта, ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта, ничи мыл цъиу-цъиу скодта».
Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.
Адӕмы ӕрдиаг суанг бӕстӕйы арӕнты онг айзӕлы, Еглаим ӕмӕ Беер-Елимы сахартӕм хъуысы.
Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн.
Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
Мӕ зӕрдӕ уадындзау уымӕн кӕуы Моавыл, дзыназы уадындзау Кир-Хересы цӕрджытыл. Ныр се ’ппӕт исбон бабын ис; сӕ сӕртӕ — даст, сӕ боцъотӕ — ӕлвыд; сӕ цӕнгтыл — ностӕ, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фӕрстыл — сӕхъис.
Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.