1 Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!
Сӕ сахартӕ сын ныппырх кодтой, сӕ бӕзнаг хуымтыл сын фӕйнӕ дуры фехстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй дурты бын фесты, сӕ донгуырӕнтӕ сын ныццауӕзтой, сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ сын сфӕлдӕхтой. Сӕ сӕйраг сахар Кир-Харесетыл сын ӕрхъула кодтой ӕмӕ йыл дурӕхсӕнтӕй ралӕууыдысты, дур дзы дурыл нал ныууагътой.
Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.
Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.
Паддзах Ахазы амарды аз уыдис ахӕм рагуац:
Хъисфӕндырау дзыназы мӕ зӕрдӕ Моавыл, мӕ уд кӕуы Кир-Хересы хъысмӕтыл.
Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.
Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъысмӕтыл дзыназы Моав, ӕгас бӕстӕ кӕуы! Додой кӕнут ныр, кир-харесетаг чисмисджын гуылтӕ мысгӕйӕ!
Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.
Дӕ бӕрзонд ӕмӕ фидар систӕ дын рафӕлдахдзӕн, рыг сӕ фестын кӕндзӕн.
Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».
Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты.
„Ныртӕккӕ сымах моавӕгты арӕныл, Арыл, фӕцӕут.
Аммонӕгтӕм баввахс стут; семӕ быцӕуыл ма ныллӕуут ӕмӕ хӕст ма ракъахут — уыдоны зӕххӕй Ӕз сымахӕн ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоты байзӕддӕгтӕн схай кодтон“.
Дунедарӕг мын загъта: „Моавӕгтӕм ма бабырсут, ма схӕцут семӕ, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй ницы схай кӕндзынӕн — Ар Ӕз Лоты байзӕддӕгтӕн радтон“.