4 уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ: Не ’фхӕрӕг нал ис, не стигъӕг бабын ис!
Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ.
Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.
Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый.
дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр чи фестын кодта, сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ, йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар чи нӕ лӕвӕрдта?»
Дунедарӕг басаста ӕнӕхуыцӕутты хъомыс, барджын хицӕутты паддзахлӕдзӕг ныссаста;
уый хъӕхъхъагӕй алы адӕмты цавта, иу цӕф сын иннӕйы фӕдыл кодта, ӕлдариуӕг сын кодта карзӕй, ӕфхӕрдта сӕ ӕгъатырӕй.
Моавы лигъдӕттӕ уал, зӕгъ, ацӕрӕнт дӕумӕ; сӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны къухӕй сӕ бахиз. Ӕфхӕрӕг куынӕуал уа, гӕныстонгӕнджытӕ куы фесӕфой,
Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».
«Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг, аууонмӕ айс дӕхи. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты паддзахӕдты ӕхсин.
Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!
Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».
«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.
Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.
Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.
Йӕ сыхӕгтӕ, ныккӕут ыл! Йӕ раздӕры кад ын чи зыдта, уыдон иууылдӕр зӕгъӕнт: «О, додой! Хъомысджын лӕдзӕг, намысджын хъил ныссасти!»
О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!
Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.
ӕгас дунейы дӕ адӕм, зӕххон сырдтӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕн хицау скодта. Сыгъзӕрин сӕр ды дӕ!
Ливаны цы фыдмитӕ фӕкодтай, уыдоны тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзынӕ, фыр тӕссӕй дыл ризӕг бахӕцдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕрӕгойты ныццагътай, ныккалдтай адӕмы туг, ӕнӕхъӕн бӕстӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты ныххӕлӕттаг кодтай.
Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.
«Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!
Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.