Исайа 14:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн. Faic an caibideil |
Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».