Исайа 14:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ. Faic an caibideil |
Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».
Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн.