5 Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.
Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ, бабын сты хӕстон хотыхтӕ!»
Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.
Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.
Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут, уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй, цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа, уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.
Дардӕй ӕрбаввахс кӕны Дунедарӕджы ном! Йӕ маст судзы пиллон артау, ничи йын бафӕраздзӕн. Йӕ ком — йемыдзаг мастӕй, Йе ’взаг — алцы ныхъуырӕг артау.
Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.
Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.
Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ, сисдзӕни тохы тырыса, зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм фехситт кӕндзӕни ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.
Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.
Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм — Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.
Дунедарӕг байгом кодта Йе ’мбӕхсӕн, систа дзы Йӕ фыдӕхы хӕцӕнгӕрзтӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, хъуамӕ халдейӕгты зӕххы Йӕ хъуыддаг сӕххӕст кӕна.
Цӕгатаг адӕм йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзысты. Нал дзы адӕймаг баззайдзӕн, нал сырды мыггаг, ацӕудзысты ӕмӕ рахау-бахау кӕндзысты.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ.
Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.
Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»
Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.