Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 13:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕз бардзырд радтон Ме ’взӕрстытӕн, фӕсидтӕн Ме ’хсарджынтӕм, Мӕ кад стыр цины хос кӕмӕн у, уыдонмӕ, цӕмӕй Мын сӕххӕст кӕной Мӕ тӕрхон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 13:3
20 Iomraidhean Croise  

Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.


Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.


Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ, сисдзӕни тохы тырыса, зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм фехситт кӕндзӕни ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты.


Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Сӕ алфамбылай цӕрджытӕ, фӕтагъд кӕнут, иууылдӕр ӕрбамбырд ут! Дунедарӕг, Дӕ хӕстонты ардӕм ракӕн!


Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan