Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 13:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ, сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 13:22
19 Iomraidhean Croise  

Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Дӕ фӕндӕй сахар дурты цӕнд фестад, бырухгӕд сахар — хӕлддзӕгтӕ; ӕнӕхуыцӕуттӕ нал ис сахары, хӕлддзӕгты бынӕй нал сыстдзӕн мыггагмӕ.


Уымӕн ӕмӕ галуан дӕр сафтид, сахар дӕр федзӕрӕг уыдзӕн. Ныккӕлдзысты Офел ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыг, ӕмӕ дзы мыггагмӕ ӕрбынат кӕндзысты хъӕддаг хӕрджытӕ, ривӕд дзы кӕндзысты фосы дзугтӕ,


Каконтӕ, сындзкъутӕр ӕмӕ ичъийы бын фӕуыдзысты сӕ галуантӕ, сӕ фидӕрттӕ. Фестдзысты мӕрдтыбирӕгъты цӕрӕнтӕ, страусты бадӕнтӕ.


Уым кӕрӕдзиуыл ӕмбӕлдзысты хъӕддаг гӕдытӕ ӕмӕ гиенӕтӕ, хъӕддаг сӕгътӕ уым кӕрӕдзимӕ сиддзысты. Ӕхсӕвдзу ӕндӕргтӕ дзы уадздзысты сӕ фӕллад.


Тӕвд змис кӕм уыди, уым фестдзӕни цад, хуыскъ зӕххы та суадӕттӕ кӕлдзӕн. Мӕрдтыбирӕгътӕн сӕ цӕрӕн кӕм уыд — цъӕх-цъӕхид фӕз фестдзӕн, уым зайдзӕн цъӕнут ӕмӕ хъӕз.


Кад Мын кӕндзысты тугдзых сырдтӕ, мӕрдтыбирӕгътӕ ӕмӕ страустӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъд быдыртыл рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, цӕмӕй Ме ’взӕрст адӕмы бафсадон донӕй.


Моавӕн йе сӕфт ӕрӕввахс ис, фыдбылызтӕ йӕ размӕ бырсынц.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ къӕбысты ӕхсырӕй бафсадынц, — мӕ адӕмы Чызг гакк-гуккау куы сси ӕгъатыр!


Ӕз кӕудзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн ууыл, бӕгъӕввад ӕмӕ бӕгънӕгӕй цӕудзынӕн; хъӕддаг куыдзау ниудзынӕн ӕмӕ страусау мӕ цӕссыг згъалдзынӕн,


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Фосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ дзы ривӕд кӕндзысты. Сӕ хӕдзӕртты кӕлддзӕгты уыг ӕмӕ сидахъхъ ӕрцӕрдзысты, рудзгуытӕй сӕ цъӕлхъӕр хъуысдзӕни; хъайвантыл халӕттӕ баддзысты, тарвӕзты нывӕфтыд азгъӕлдзӕни.


Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan