21 Уырдӕм ӕрцӕудзысты хъӕддаг сырдтӕ, йӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг уыдзысты уыгтӕй; ӕрцӕрдзысты дзы страустӕ, чъыллиппӕй дзы кафдзысты цӕуӕнгӕс дӕлимонтӕ.
Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.
Дӕ фӕндӕй сахар дурты цӕнд фестад, бырухгӕд сахар — хӕлддзӕгтӕ; ӕнӕхуыцӕуттӕ нал ис сахары, хӕлддзӕгты бынӕй нал сыстдзӕн мыггагмӕ.
Уымӕн ӕмӕ галуан дӕр сафтид, сахар дӕр федзӕрӕг уыдзӕн. Ныккӕлдзысты Офел ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыг, ӕмӕ дзы мыггагмӕ ӕрбынат кӕндзысты хъӕддаг хӕрджытӕ, ривӕд дзы кӕндзысты фосы дзугтӕ,
Хъӕддаг куыйтӕ, быдираг сырдтӕ ӕмӕ дзы уыгтӕ ӕрцӕрдзысты. Уым адӕймаг никуыуал ӕрцӕрдзӕн, иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ ӕдзӕрӕг ранӕй баззайдзӕн.
страус, уыг, кӕсагдзау, хъӕрццыгъайы алы мыггаг,
Ӕз кӕудзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн ууыл, бӕгъӕввад ӕмӕ бӕгънӕгӕй цӕудзынӕн; хъӕддаг куыдзау ниудзынӕн ӕмӕ страусау мӕ цӕссыг згъалдзынӕн,
Фосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ дзы ривӕд кӕндзысты. Сӕ хӕдзӕртты кӕлддзӕгты уыг ӕмӕ сидахъхъ ӕрцӕрдзысты, рудзгуытӕй сӕ цъӕлхъӕр хъуысдзӕни; хъайвантыл халӕттӕ баддзысты, тарвӕзты нывӕфтыд азгъӕлдзӕни.
Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.