Исайа 13:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст19 Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый. Faic an caibideil |
Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.