Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 13:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сӕ сабиты сын сӕ цӕсты раз амардзысты, сӕ хӕдзӕрттӕ хӕлӕттаг фӕуыдзысты, сӕ устытӕй сын фӕхынджылӕг кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 13:16
9 Iomraidhean Croise  

Сӕ лӕппуты сын фатӕй ныццӕгъддзысты, сабитӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты».


Ацы паддзахӕн хъуамӕ йӕ фырттӕ дӕр амӕлой сӕ фыды азымы тыххӕй, науӕд та уын иуахӕмы бацахсдзысты уӕ зӕхх сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.


Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты.


Сионы худинаг кӕнынц нӕ устыты, иудейаг сахарты — нӕ чызджыты!


Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Фӕлӕ уӕддӕр хаст ӕрцыдысты йӕ адӕм, уацары сӕ акодтой. Йӕ сабиты йын, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты фӕмардтой. Хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ йын се ’хсӕн байуӕрстой йӕ уӕздӕтты, се ’ппӕты дӕр рӕхыстӕй сбастой.


Ӕз ӕппӕт адӕмты Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ сахар бацахсдзысты. Йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кӕндзысты, сылгоймӕгты фӕхудинаг кӕндзысты, сахары цӕрджытӕн се ’рдӕг уацары ацӕудзӕн; фӕлӕ сахары иннӕ хай фервӕздзӕнис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan