14 Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм.
Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар».
Хурныгуылдыл фидиуӕг хӕстон адӕмыл ныхъхъӕр кодта: «Алчидӕр уӕ аздӕхӕд йӕ сахармӕ, йӕ фыдыуӕзӕгмӕ!»
Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.
Уымӕн ӕмӕ уыдон лидзынц кардӕй, ӕлвӕст кард ӕмӕ фатӕй — хӕсты тымыгъӕй.
Ахӕм пайда дын фӕуыдзысты, де ’взонгӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ куыстай, сӕудӕджергӕнгӕйӕ, уыдон. Алчи сӕ къӕмдзӕстыгӕй йӕ фӕндагыл ацӕудзӕн, дӕ мӕт сӕ нӕ уыдзӕн».
Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.
Вавилойнаг зӕхкусджытӕ ӕмӕ хуымгӕрдджыты ныццӕгъдут! Ӕгъатыр карды тӕссӕй алчидӕр йӕ адӕммӕ раздӕхӕд, йӕхи зӕхмӕ лидзӕд.
«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».
Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй.
Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.
Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.
Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ Фыййау ӕмӕ уӕ Мӕтгӕнӕгмӕ.