12 Адӕмы нымӕц афтӕ фӕкъаддӕр кӕндзынӕн, ӕмӕ ма дзы чи баззайа, уыдон уыдзысты сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр, уыимӕ — офираг сыгъзӕринӕй».
Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.
Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ.
Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй, зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ.
Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:
Йӕ хъӕдты ма бӕлӕстӕ афтӕ чысыл баззайдзӕн, ӕмӕ сӕ суанг саби дӕр анымайдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст ӕрцӕудзӕни зӕхх — ӕфхӕрд баййафдзысты йӕ цӕрджытӕ; скуынӕг уыдзысты адӕм, бирӕ сӕ нал баззайдзӕн.
Уӕд авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Нӕхицӕн къӕбӕр ӕмӕ дарӕс нӕхӕдӕг амал кӕндзыстӕм, ӕрмӕст нӕ дӕхицӕн устытӕ скӕн, худинагӕй нӕ фервӕзын кӕн».
Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.
Дунедарӕг адӕмы фӕсурдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх ныззаууат уыдзӕн бынтондӕр.