Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 13:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 13:1
34 Iomraidhean Croise  

уӕд Йегу йӕ фӕсдзӕуин Бидкарӕн загъта: «Цу ӕмӕ йӕ изреелаг Навоты зӕхмӕ баппар. Ӕрхъуыды-ма кӕн, йӕ фыд Ахавы фӕдыл дыууӕйӕ куы цыдыстӕм, уӕд Дунедарӕг уыцы Ахавы тыххӕй рагагъоммӕ цы загъта, уый:


Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.


Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый.


Паддзах Ахазы амарды аз уыдис ахӕм рагуац:


Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!


Рагуац Дамаскы тыххӕй. Дамаскӕн йе сӕфт ӕрцӕуы — хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн.


Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.


раст уыцы заман Дунедарӕг Амоцы фырт Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ сӕхъис пӕлӕз ӕмӕ дӕ дзабыртӕ ралас». Исайа раласта йӕ пӕлӕз ӕмӕ йӕ дзабыртӕ ӕмӕ бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй цыди.


Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!


Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?


«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Сымах сӕраппонд Ӕз Вавилонмӕ арвыстон тыхгӕнӕг ӕмӕ фӕлидзӕг кӕндзынӕн уе ’фхӕрджыты. Удаистӕй халдейӕгтӕ лидздзысты, ныр сӕ цины хъӕртӕ кӕцӕй хъуысынц, уыцы наутыл.


Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ.


Рагон пехуымпартӕ, мах размӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыдон бирӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзахӕдтӕн дзырдтой, фидӕны сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц хӕстытӕ, бӕллӕхтӕ ӕмӕ рынтӕ.


Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты фехъусын кодта Вавилоны, халдейӕгты зӕххы, фидӕн:


Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм.


Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: ацы рагуац у Йерусалимы хицауы ныхмӕ, стӕй, уым чи цӕры, Израилы уыцы адӕмы ныхмӕ“.


ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».


уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.


Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.


Пехуымпар Аввакумы цӕстылуайӕн — рагуац.


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты;


Дунедарӕг Малахиайы уылты Израилӕн хъусын кӕны рагуац:


Иосиайӕ райгуырдысты Йехониа ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Уый уыдис Вавилоны размӕ.


Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan