1 Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.
Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».
Ферох дӕ уыдзысты уӕд дӕ хъизӕмӕрттӕ, чи акалди, уыцы донау нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.
ӕмӕ уый фӕрцы фервӕздзынӕн. Ӕнӕхуыцау та Йӕм хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ бауӕнддзӕн!
Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.
О Дунедарӕг, Ды мӕ ныфс Дӕ, Дӕ лӕггадгӕнӕджы зӕрдӕ барухс кӕн!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: «Алмут Лаббен»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.
Чысыл ма, хӕрз чысыл ма, ӕмӕ уӕм Мӕ маст ссӕудзӕн, ӕмӕ уӕд ассириӕгты Мӕ азары амӕттаг бакӕндзынӕн».
Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.
Уӕд, Дунедарӕгӕн Ассирийы цы адӕм баззайа, уыдон уырдыгӕй здӕхдзысты уӕрӕх фӕндагыл, кӕддӕр Израилы адӕм Мысыры зӕххӕй куыд здӕхтысты, афтӕ.
Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе ’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй,
Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.
Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!
Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»
Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.
Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ. Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр, мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин. Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд, ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст.
Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.
Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты.
Уысмы бӕрц дӕ ныууагътон, фӕлӕ дӕ бирӕ уарзын ӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн фӕстӕмӕ.
Мӕ маст дӕм куы ссыгъди, уӕд дыл Мӕхи атигъ кодтон, фӕлӕ дын ныр мыггагмӕ ныббардзынӕн. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг.
Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон, зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр, нал дӕм смӕсты уыдзынӕн ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.
Ӕндӕрбӕстӕгтӕ дын ног самайдзысты дӕ систӕ, сӕ паддзӕхтӕ дын кӕндзысты лӕггад. Куы-иу Мӕ смӕсты кодтай, уӕд дӕ кодтон Мӕ фыдӕхы амӕттаг, фӕлӕ дын ныр ныххатыр кӕндзынӕн, фӕфӕлмӕн дӕм уыдзынӕн.
Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.
Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта, уыдонмӕ. Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ, уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Фервӕзын нӕ кӕн!
Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ, ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл. Ӕз аразын цины сахар Йерусалим, йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын рухс амондӕй.
Ӕз уӕ барӕвдаудзынӕн мадау, ӕмӕ Йерусалимы фарнӕй уыдзыстут фӕрнджын.
Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.
Чызджытӕ, лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ, цингӕнгӕйӕ, иумӕ кафдзысты. Сӕ маст сын баивдзынӕн цинӕй, басабыр сӕ кӕндзынӕн, хъыджы бӕсты сын хъӕлдзӕгдзинад ратдзынӕн.
Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.
Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.
Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.
Дунедарӕг суыдзӕнис ӕгас зӕххы Паддзах, иунӕг Дунедарӕг, Йӕ ном дӕр уыдзӕнис иу.
Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонмӕ раздӕры цӕстӕй нал кӕсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.
Кӕд, Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, уый фӕрцы ӕгас дуне Хуыцауимӕ бафидыдта, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе ’ргом куы раздаха, уӕд уый та цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй райгас нӕ уыдзӕн, ӕви?