8 Дзидзидай саби хъаздзӕни маргджын калмы хуынчъы раз, йӕ къух-иу дзы атъысдзӕни.
Быдираг дуртӕ дын цӕдисонтӕ суыдзысты, хъӕддаг сырдтимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ.
О Дунедарӕг, ме ’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр, мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.
Стур хиздзӕн арсимӕ, сӕ цот та хуысдзысты фӕрсӕй-фӕрстӕм, домбай стурау ӕууилдзӕни зыгуым.
Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.
«Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут, цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой, уый кӕй ныппырх ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй райгуырдзӕнис калм, уымӕй та — фат-калм.
Сӕ къухы цӕфтӕ — гуыппытӕ маргджын кӕлмыты ӕйчытау мӕлӕтдзаг сты: уыдонӕй чи сахода, уый амӕлдзӕн, чи сӕ асӕтта, уыдонмӕ та сӕ хуылфӕй рабырдзысты маргджын кӕлмытӕ. Цыма хӕлуарӕджы тынтӕ уафынц, уыйау сты сӕ митӕ,