6 Уӕд бирӕгъ хӕларӕй цӕрдзӕн уӕрыккимӕ, фыранк хуысдзӕни сӕныччы фарсмӕ, род ӕмӕ лӕппын домбай уыдзысты иумӕ, ӕнахъом саби сӕ хиздзӕни.
Быдираг дуртӕ дын цӕдисонтӕ суыдзысты, хъӕддаг сырдтимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ.
Дунедарӕг тӕрхон кӕндзӕнис адӕмтӕн, бирӕ знӕмтӕн бауайдзӕф кӕндзӕн. Уыдон сӕ кӕрдтӕй сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй — ӕхсырфытӕ, ногӕй сӕ рацӕгъддзысты, афтӕмӕй. Адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ нал сисдзысты ӕмӕ хӕстмӕ сӕхи нал цӕттӕ кӕндзысты.
Иумӕ хиздзысты бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк. Домбай стурау хӕрдзӕни хъӕмп, калм та цӕрдзӕни зӕххы рыгӕй. Фыдракӕнд ӕмӕ зиан ничи кӕндзӕни Мӕ уаз хохыл». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.
Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.