Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 11:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уый йе ’ппӕт хъарутӕй тырндзӕн Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнынмӕ! Ӕдде бакӕсгӕйӕ цы зыны, уымӕ гӕсгӕ нӕ тӕрхон кӕндзӕни; дам-думтӕм хъусгӕйӕ, уынаффӕ нӕ рахӕсдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 11:3
20 Iomraidhean Croise  

Дӕ цагъар йӕхицӕн хъуыдытӕ кодта: „Ныфсы хос мын фестӕд мӕ бардарӕджы, мӕ паддзахы ныхас, уымӕн ӕмӕ мӕ бардарӕг, паддзах, Хуыцауы зӕды хуызӕн у — равзардзӕни ӕвзӕр дӕр ӕмӕ хорз дӕр“. Демӕ уӕд кӕддӕриддӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


Паддзах сылгоймагӕн загъта: «Цу дӕ хӕдзармӕ, ӕз бафӕдзӕхсдзынӕн дӕу тыххӕй».


Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.


Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


Ныхӕстӕ хъус не ’взары, комарынг ад не ’нкъары?


Уымӕн ӕмӕ хъус ныхас ӕвзары, ком та ад зоны.


уӕд Дунедарӕгӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый бамбардзынӕ, уӕд базондзынӕ Хуыцауы.


Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы, алы хорз фӕндаджы мидис.


Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.


Уый уыдзӕни адӕмы хистӕрты зӕххисбон Израилы, цӕмӕй мын фидӕнмӕ мауал ссӕндой Мӕ адӕмы ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕмӕн байуарой зӕххытӕ».


Уый бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕни, дардбӕстаг знӕмтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн: уыдон стайын кӕндзысты сӕ кӕрдтӕ ӕмӕ сӕ сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Иу адӕмыхатт иннӕмӕ кард нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцыныл нал ахуыр кӕндзысты.


Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.


ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.


Ӕдде цы зыны, уымӕ ма кӕсут, фӕлӕ кӕнут ӕнӕхӕрам тӕрхон».


Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan