Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 11:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уӕд, Дунедарӕгӕн Ассирийы цы адӕм баззайа, уыдон уырдыгӕй здӕхдзысты уӕрӕх фӕндагыл, кӕддӕр Израилы адӕм Мысыры зӕххӕй куыд здӕхтысты, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 11:16
18 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ сурыл сӕ фӕндаг дардтой. Дон сисау цӕхгӕр лӕууыди сӕ рахизфарс дӕр ӕмӕ сӕ галиуфарс дӕр.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!


Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ ма Йаковы хӕдзарвӕндагӕй, Израилы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон сӕ зӕрдӕ нал дардзысты, чи сӕ цагъта, уыцы ассириӕгтыл, фӕлӕ сӕ каст уыдзӕни Дунедарӕгмӕ, Израилы Уаз Хуыцаумӕ, иузӕрдион Ыл уыдзысты.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Уыцы заман Мысырӕй Ассирийы ’хсӕн уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг, стыр бастдзинӕдтӕ. Ассириӕгтӕ цӕудзысты Мысырмӕ, мысырӕгтӕ та — Ассиримӕ, ӕмӕ мысырӕгтӕ ассириӕгтимӕ иумӕ кувдзысты Дунедарӕгмӕ.


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Сӕ фӕндагыл сын ӕмраст-ӕмлӕгъз скӕндзынӕн хӕхтӕ.


Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».


Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн айгӕрдут фӕндаг! Айгӕрдут ӕмӕ йӕ слӕгъз кӕнут, иунӕг цӕлхдур дӕр ыл ма ныууадзут!»


Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!


Иудӕйы фӕстагӕттӕй ма чи аирвӕза, уыдоны хай бауыдзӕн; сӕ фос хиздзысты уым, Ашкелоны хӕдзӕрттӕ сын фосдарӕн уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕркӕсдзӕн, уацарӕй сӕ суӕгъд кӕндзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan